07 марта 2025, 10:41
Мæздæджы арæзт æрцыд æрвылазон традицион турнир волейболæй
Баст уыд Фыдыбæстæ Хъахъхъæнæджы азимæ
Мæздæджы арæзт æрцыд æрвылазон традицион турнир волейболæй, æмæ баст уыд Фыдыбæстæ Хъахъхъæнæджы азимæ. Архадтой дзы алыхуызон профилактикон хыгъды чи лæууы, ахæм фæсивæд, скъоладзаутæ, студенттæ, стæй пъæлицæйы кусджытæ. Æдæппæтæй 5 командæйы. Волейболон матчтæ рауадысты цымыдисаг æмæ зæрдæмæдзæугæ. Командæтæ равдстой хорз спортивон цæттæдзинад. Æртыккаг бынат бацахста Мæздæджы районы æнахъом сывæллæттимæ куысты пъæлицæйы хайады командæ. Финалмæ рацыдысты механикон-технологон техникумы æмæ Мæздæджы 2-æгæм скъолайы иугонд командæтæ. Фæуæлахиз сты студенттæ. Турниры уæлахиздзауты æмæ призерты районы администрацийы номæй схорзæджын кодтой кубоктæй, кады гæххæттытæй, майдантæй æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.




