филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:28 вторник, 07 мая 2024
24 марта 2022, 14:03
Мæздæджы арæзт æрцыд барадхъахъхъæнæг оргæнты æдзард кусджыты номарæн традицион турнир дзюдойæ

Ирыстойнаг спортсментимæ регионты хсæн ерысты архайдтой Кæсæг-Балхъары, Цæцæны республикæйы æмæ Стъараполы крайы дзюдоисттæ

Мæздæджы арæзт æрцыд барадхъахъхъæнæг оргæнты æдзард кусджыты номарæн традицион турнир дзюдойæ. Ирыстойнаг спортсментимæ регионты хсæн ерысты архайдтой Кæсæг-Балхъары, Цæцæны республикæйы æмæ Стъараполы крайы дзюдоисттæ. Командæтæн раарфæ кодтой «Хæстон æфсымæрады» минæвæрттæ. Турниры кадджын уазджытæ уыдысты, йе фсæддон хæс æххæст кæнгæйæ чи фæмард, уыцы лæппуты ныййарджытæ æмæ хæстæджытæ. Æвзонг спортсментæ, æвзонг æфсæддонтæ æмæ æппæт уазджытæ, минут æдзæмæй алæугæйæ, æрымысыдысты мидхъуыддæгты министрады æмæ æдасдзинады федералон службæйы æдзард хъæбатырты нæмттæ. Сæ ныййарджытæн, идæдз устытæн æмæ сывæллæттæн радтой, турниры уæлахиздзаутæн хæрзиуджытæ раттыны бар. Æдæппæтæй номарæн ерысты бацархайдтой 250 спортсмены.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania