филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:59 суббота, 18 мая 2024
07 апреля 2022, 12:25
Мæздæджы арæзт æрцыд ирон профессионалон музыкæйы бындурæвæрæг Галаты Аслæнджерийы сфæлдыстадон изæр

Хонынц æй ирон курдиатджын фæсивæды кумир

Мæздæджы арæзт æрцыд ирон профессионалон музыкæйы бындурæвæрæг, дирижер æмæ педагог Галаты Аслæнджерийы сфæлдыстадон изæр. Хонынц æй ирон курдиатджын фæсивæды кумир. Райгуырди Мæздæджы районы Черноярскийы. Уымæ гæсгæ изæры кадджын уазджытæ уыдысты ацы станицæйы цæрджытæ. Се хсæн – зындгонд архайæджы фæдонтæ дæр. Галатийы номыл Фонды директор Гаглойты Лианæ бæстон радзырдта ног æрмæджыты тыххæй. Уыдон та сты хуызистытæ æмæ документтæ. Се ппæт дæр систы егъау равдысты ахадгæ хай. Хуызистыты равдыст та баст уыд Галаты Барисы сфæлдыстадимæ. Бирæтæ йæ нæ зонынц, фæлæ уыдон æнгом æмгуыстад кодтой Тугъанты Махарбегимæ. Уымæй уæлдай ма Галаты Барис у фыццаг музыкалон драмæ «Батраз»-ы автор. Фонды бындурæвæрджытæ радзырдтой фидæнмæ нысанты тыххæй дæр. Бæлвырддæр та фæнд кæнынц Мæздæджы районы æрвылазон номарæн мадзал аразын. Уыдзæн мартъийы. Уымæй дарддæр ма нысан кæнынц сывæллæттæн чиныг рауадзын, Галаты Аслæнджерийы сфæлдыстадимæ баст нывтимæ. Скæндзысты сæ районы курдиатджын сабитæ. Сфæлдыстадон изæры уазджытæ бирæ хабæрттæ базыдтой мастеры куысты тыххæй. Уæвгæ та йæ фæллæйтты тыххæй зонынц дунейы бирæ рæтты. Ууыл дзурæг у документалон кинонывты цикл. Истой сæ цалдæр азы дæргъы, Фонды бындурæвæрджыты æмæ музыкалон аивад уарзджыты хъæппæрисæй. Мæздæджы районы Стыр ныхасы сæрдар Гуцаты Фридон раарфæ кодта изæры уазджытæн, сæ рухстауæн куысты тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ ахсджиаг у, Ирыстонæн ахæм хъæугæ хъуыддæгтæ кæй кæнынц, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania