филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:16 воскресенье, 19 мая 2024
31 марта 2023, 11:15
Мæздæджы арæзт æрцыд регионты хсæн турнир дзюдойæ

Ссардтой дзы, тыхы структурæты æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнты кусджытæй сæ службæйы рæстæг чи фæмард, уыдоны ном

Мæздæджы арæзт æрцыд регионты хсæн турнир дзюдойæ. Ссардтой дзы, тыхы структурæты æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнты кусджытæй сæ службæйы рæстæг чи фæмард, уыдоны ном. Ерысты райдиан спортсментæ дидинджытæ сæвæрдтой хъæбатырты цыртдзæвæнты цур. Хъыгагæн ацы аз сæ номхыгъд фæфылдæр, Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмарди, уыдонæй. Номарæн турниры архайдтой Астрæхæны облæсты, Цæцæны республикæйы, Кæсæг-Балхъары, Стъараполы крайы, стæй Хуссар Ирыстоны дзюдоисттæ. Сæйраг тæрхонгæнæджы ныхæстæм гæсгæ, фæсивæд иууылдæр равдыстой иттæг хорз цæттæдзинад. Иумæйаг командон хыгъды фыццаг бынат бацахстой Мæздæджы спортсментæ. Дзæуджыхъæуы минæвæрттæ систы дыккæгтæ, æртыккаг бынат та радтой Нацыччы командæйæн.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania