филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:22 понедельник, 02 ноября 2026
15 сентября 2026, 10:37
Мæздæджы арæзт æрцыд сыгъдæг Николай Япойнаджы номыл кубок рамбулыны турнир дзюдойæ

Ацы аз Чырыстон Аргъуан парахатæй бæрæг кæны Сыгъдæг уды райгуырды 190 азы бон

Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчер Герасимы арфæйæ, Мæздæджы арæзт æрцыд сыгъдæг Николай Япойнаджы номыл кубок рамбулыны турнир дзюдойæ. Ацы аз Чырыстон Аргъуан парахатæй бæрæг кæны Сыгъдæг уды райгуырды 190 азы бон. Ерысты ма сбастой Мæздæджы Мады Майрæмы дзуарынывимæ бирæ бонты цыдимæ.  Спортивон мадзал сарæзтой Цæгат Ирыстоны дзюдойы федераци, Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархи, стæй чырыстон æхсæнад «Дзæнгæрæг». Турниры архайдтой 200 спортсмены онг Мæздæгæй, Дзæуджыхъæуæй, республикæйы æппæт районтæй, Стъараполы крайæ, Кæсæг-Балхъарæй, Дагестанæй, Хъæрæсе-Черкесийæ æмæ Краснодары крайæ.  Ерысты сæйраг тæрхонгæнæг куыд бафиппайдта, афтæмæй æвзонг спортсментæ равдыстой хорз цæттæдзинад. Цæгат Ирыстоны дзюдоисттæ систы æппæт кары категориты призертæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania