филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:06 вторник, 07 мая 2024
11 марта 2021, 12:12
Мæздæджы арæзт æрцыдысты Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ерыстæ

Ирвæзынгæнджытæ сæ арæхстдзинад æвдыстой, фæндаггон фыдбылызыты рæстæг раст куыд архайын хъæуы, уый

Мæздæджы арæзт æрцыдысты Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ерыстæ. Ирвæзынгæнджытæ сæ арæхстдзинад æвдыстой, фæндаггон фыдбылызыты рæстæг раст куыд архайын хъæуы, уый. Ахуырты архайдтой Дзæуджыхъæуы, Беслæны æмæ Мæздæджы командæтæ. Ерысты сæйраг нысан уыд – зынгсирвæзтыты ныхмæ федералон службæйы дæлхайæдты æмæ аварион-ирвæзынгæнæн къордты уæнгты профессионалон æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын, фæндаггон фыдбылызты рæстæг. Фыццаг медицинон æххуыс афоныл, æмæ куыд æмбæлы, афтæ бакæнынæй бирæ аразгæ у. Бæлвырддæр та уый фæрцы ис адæймаджы цард аирвæзын кæнæн. Ерысты архайдтой 3 командæйы. Алкæцыйы фæйнæ 4 архайæджы. Се ппæт дæр уал уый размæ ацыдысты аттестаци, æмæ фыццаг медицинон æххуыс бакæныны цæттæгæнæн мадзæлттæ. Сæрмагонд кусæнгæрзты фæрцы машинæйы салонæй аирвæзын кодтой хъыгдардбаййæфджыты, æмæ сын дохтырты æрбацыды агъоммæ бакодтой фыццаг медицинон æххуыс. Ацы хатт уæлахиздзаутæ систы мæздæджы ирвæзынгæнджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania