филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:04 четверг, 09 мая 2024
07 марта 2023, 12:05
Мæздæджы арæзт æрцыдысты аивадон гимнастикæйæ ерыстæ

Регионты хсæн турнир «Надежда»-мæ æрæмбырд сты командæтæ Цæгат Кавказы федералон зылдæй. Уыдысты дзы архайджытæ Хуссар Ирыстонæй, стæй Донецкы дæр

Мæздæджы районы спорты райрæзты центры арæзт æрцыдысты аивадон гимнастикæйæ ерыстæ. Регионты хсæн турнир «Надежда»-мæ æрæмбырд сты командæтæ Цæгат Кавказы федералон зылдæй. Уыдысты дзы архайджытæ Хуссар Ирыстонæй, стæй Донецкы адæмон республикæйæ дæр. Æдæппæтæй 500 адæймагæй фылдæр. Ерыс кодтой, 5-æй 15 азы онг кæуыл цæуы, ахæм гимнасткæтæ. Уæлахиздзаутæн хæрзиуджытæ дæттыны кадджын мадзалы архайдтой æфсæддон службæйы ветерантæ æмæ ныры хæстонтæ, се хсæн сæрмагонд æфсæддон операцийы чи уыд, уыдон дæр. Спорты мастерты программæмæ гæсгæ къордты хсæн фæлтæрæнты фыццаг бынат бацахста Мæздæджы гимнасткæты командæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania