филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:26 четверг, 02 мая 2024
27 сентября 2023, 13:45
Мæздæджы ацыд Лалыты Асланы номарæн турнир стыр теннисæй

Ерысты архайдтой 32 спортсмены

Мæздæджы «Уæлахизы парчы» гом стадионы ацыд Лалыты Асланы номарæн турнир стыр теннисæй. Ерысты архайдтой 32 спортсмены. Республикæйы тæрхондоны системæйы хуыздæр кусджытæй иу, Лалыты Аслан йæ цардæй ахицæн 4 азы размæ. Активонæй архайдта спортæй, фылдæр уарзта теннис. Уыди Мæздæджы спорты ацы хуызы командæйы хыгъды. Асланы номарæн турнир спортсменты иу фæзы æрæмбырд кодта ныр 2-аг хатт. Ацы хатт  уæлахиздзау сси Цопбойты Сослан. Дыккаг æмæ æртыккаг бынæтты аккаг систы Андрей æмæ Анатолий Клинчаевтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania