26 мая 2022, 11:33
Мæздæджы кванториумы арæзт æрцыд форум
Архайдтой дзы районы скъолаты ахуырдзаутæ
Мæздæджы кванториумы арæзт æрцыд форум. Архайдтой дзы районы скъолаты ахуырдзаутæ. Куыстой, социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм муниципалон проекттæ цæттæ кæныныл. Мадзал арæзт æрцыд сывæллæтты техникон ахуырады системæйы элементтимæ æмархайд æххæстгæнгæйæ. Ерысмæ гæсгæ сывæллæттæн радтынц хæслæвæрд. Уыдон ыл цалдæр сахаты бакусынц, æмæ равдисынц сæ хатдзæгтæ. Хакатон æххæстгæнгæйæ, скъоладзаутæ комкоммæ фæныхас кæнынц жюрийы уæнгтимæ – администрацийы минæвæрттимæ æмæ амалхъом адæмимæ. Форумы кæронбæттæны хуыздæр проектты авторты схорзæхджын кодтой кады гæххæттытæй æмæ призтæй.