филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:10 суббота, 18 мая 2024
29 апреля 2022, 11:24
Мæздæджы район бабæрæг кодта Алайнаг æмæ Дзæуджыхъæуккаг Алчыр Герасим

Куадзæны къуыри ахæм балц арæзт æрцыд фыццаг хатт

Мæздæджы район бабæрæг кодта Алайнаг æмæ Дзæуджыхъæуккаг Алчыр Герасим. Куадзæны къуыри ахæм балц арæзт æрцыд фыццаг хатт. Мады Майрæмы номыл аргъуаны кадджын уазæгыл сæмбæлдысты ацы зылды дины кусджытæ æмæ хъазахъхъаг æхсæнадты минæвæрттæ. Традицимæ гæсгæ хъазахъхъæгтæ активонæй архайынц æхсæнады царды, æххуыс кæнынц аргъуантæн, кæнынц рухстауæн куыст. Службæйы фæстæ епархийы сæргълæууæг арфæйы ныхæстæ ракодта чырыстон дины минæвæрттæн æмæ уырнæг адæмæн. Кæронбæттæны Алчыр Герасим бабæрæг кодта Архистратиг Михаилы номыл аргъуан станицæ Луковскæйы, æмæ аныхас кодта бынæттон цæрджытимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania