филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:37 воскресенье, 19 мая 2024
23 июля 2020, 11:33
Мæздæджы районы хус кæрдæг судзыны аххосæй зынгсирвæзт æрцыди Новогеоргиевскийы хъæуы

Æнæнхъæлæджы цауты министрады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй тыхджын дымгæ быдырæй рахаста зынг æмæ дзы ссыгъдысты хæдзарадон арæзтæдтæ

Мæздæджы районы хус кæрдæг судзыны аххосæй зынгсирвæзт æрцыди Новогеоргиевскийы хъæуы. Æнæнхъæлæджы цауты министрады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй тыхджын дымгæ быдырæй рахаста зынг æмæ дзы ссыгъдысты хæдзарадон арæзтæдтæ. Зынгхуссынгæнджытæ афоныл кæй сарæхстысты, уый фæрцы дзы ничи фæмард. Бынаты кусынц Мæздæджы районы цæстдарæг оргæнтæ æмæ сæрмагонд лабораториты эксперттæ. Ивгъуыд суткæмæ ирвæзынгæнæн дæлхайæдтæ зынгсирвæтытæм ацыдысты 24 хатты. Уыдонæн сæ фылдæр хай уыдысты хус кæрдæг судзыны цаутæ. Æрмæст Мæздæджы районæй уыцы-иу рæстæг æххуыс бацагуырдтой цалдæрæй. Æнæнхъæлæджы цауты министрад зæрдыл лæууын кæны, хус кæрдæг хæдзæрттæм æмæ æндæр социалон арæзтæдтæм 50 метрæй хæстæгдæр судзæн кæй нæй, уый. Мæздæджы районы ацы азы райдианæй нырмæ конд æрцыди 29 протоколы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania