филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:40 понедельник, 20 мая 2024
24 декабря 2020, 14:18
Мæздæджы районы стыр æргом здахынц спорты рæзтмæ дæр

Афтæ 3 хъæуы кæронмæ фæхæццæ кæны бирæвæрсыг спортивон фæзты арæзтад

Мæздæджы районы стыр æргом здахынц спорты рæзтмæ дæр. Афтæ 3 хъæуы кæронмæ фæхæццæ кæны бирæвæрсыг спортивон фæзты арæзтад. Нырæй фæстæмæ станицæтæ Киевскæйæ, Терскайæ æмæ Черноярскæйы цæрджытæн фадат уыдзæн сæ уæгъд рæстæг пайдаимæ рвитынæн æмæ спорты бæрзæндтæм тырнынæн. Уыимæ нырыккон æмæ æнцонвадат уавæрты архайæгæйæ. Объекттæ арæзт æрцыдысты, нысанмæ арæзт федералон программæ «Спорт-норма жизни» æххæст кæнгæйæ. Спортивон фæзтæ байгом кæныны фæдыл бынæттон цæрджытæн раарфæ кодта районы разамонæг, æмæ сын йæ зæрдæ загъта бирæ спортивон æнтыстдзинæдтæ. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania