филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:09 вторник, 07 мая 2024
28 апреля 2022, 11:30
Мæздæджы районы Веселæйы хъæуы арæзт æрцыд традицион турнир шахмæттæй

Бынæттон культурæйы хæдзары æрæмбырд сты Мæздæджы æмæ районы хъæуты шахматисттæ

Мæздæджы районы Веселæйы хъæуы арæзт æрцыд традицион турнир шахмæттæй. Бынæттон культурæйы хæдзары æрæмбырд сты Мæздæджы æмæ районы хъæуты шахматисттæ. Ерысты цалдæр къæпхæны архайдтой алы кары спортсментæ.  Шахмæттæй турниры ветерантæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæстаг рæстæг ацы спорты хуыз адæмы хсæн кæны парахатдæр. Уæлдай æргом æм здахын райдыдтой рæзгæ фæлтæры минæвæрттæ. Ацы турнирæй алы кары шахматисттæ æмæ районы цæрджытæ рахæцыдысты, Украинæйы сæрмагонд операцийы чи архайы, уыцы уæрæсейаг æфсæддонты фарс. Ерыстæ цыдысты цалдæр сахаты. Афтæмæй фыццаг æмæ дыккаг бынæттæ бацахстой Веселæйы хъæуы цæрджытæ, æртыккаг бынаты аккаг та сси Хъызлары цæрæг. Уæлахиздзаутæн радтой æхцайы премитæ æмæ зынаргъ призтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania