филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:33 понедельник, 06 мая 2024
17 февраля 2021, 12:41
Мæздæджы сарæзтой разамонæг компаниты æмæ хæдзæртты хицæутты æмбаладты куыст фæхуыздæр кæныны æмбырд

Профилон министр куыд бафиппайдта, афтæмæй техникон лæггæдтæн фиддонтæ Мæздæджы схæццæ сты нæуæдз фараст процентмæ

Мæздæджы Таматы Майрæны разамындæй сарæзтой разамонæг компаниты æмæ хæдзæртты хицæутты æмбаладты куыст фæхуыздæр кæныны фæдыл æмбырд. Профилон министр куыд бафиппайдта, афтæмæй техникон лæггæдтæн фиддонтæ Мæздæджы схæццæ сты нæуæдз фараст процентмæ. Уыцы бæрæггæнæн нæ республикæйы у æппæты хуыздæр. Тарифы рæстæмбис бæрц уыцы лæггадæн у аст-дыууадæс сомы, Мæздæджы районы та дыууын фондз сомы онг. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады регионалон центр «ЖКХ Контроль» -ы сæрдар Александр Купцов куыд бафиппайдта, афтæмæй разамонæг компани æмæ цæрджыты æхсæн ахастдзинæдтæ хъуамæ уой æргом æмæ æнæзæрдæхудт. Æхсæнадон цæстдарды минæвар бахаста фæндон, цæмæй алы бирæуæладзыгон хæдзары дæр сбæлвырд кæной хицæн минæвæртты, æмæ уыдоны уылты цæрджытæм хæццæ кæной хъусынгæнинæгтæ компанийы куысты тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania