филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:54 пятница, 19 июня 2026
12 июня 2026, 09:47
Мæздæджы сывæллæтты технопарк Кванториумы арæзт æрцыд шашкæтæй турнир

Мадзал баст уыд, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Анвар Одабашевы ном ссарынимæ

Мæздæджы сывæллæтты технопарк Кванториумы арæзт æрцыд шашкæтæй турнир. Мадзал баст уыд, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Анвар Одабашевы ном ссарынимæ. Ерысты архайдтой Мæздæджы районы скъолаты ахуырдзаутæ. Турнир саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм мадзæлттæн ис стыр нысаниуæг. Уæлдайдæр та рæзгæ фæлтæры хсæн. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ турнир цыди æртæ къæпхæнæй. Уым æрыгон ерысгæнджытæ æвдыстой сæ зондахаст æмæ спортивон миниуджытæ. Лæппутæн æмæ чызджытæн радтой кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania