филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:33 пятница, 03 мая 2024
25 августа 2022, 12:01
Мæздæджы Уæлахизы Парчы стадионы арæзт æрцыд Лалыты Асланы номарæн турнир теннисæй

Архайдтой дзы 20 адæймаджы

Мæздæджы Уæлахизы Парчы стадионы арæзт æрцыд Лалыты Асланы номарæн турнир теннисæй. Архайдтой дзы 20 адæймаджы – ацы спортуарзджытæ æмæ æрыгон спортсментæ. Мадзалы уыд республикæйы Сæйраг тæрхондоны делегаци дæр. Турниры уазджытæ бабæрæг кодтой, республикæйы тæрхонгæнæн системæйы хуыздæр кусджытæй иуы ном цы уынг хæссы, уый. Мæздæджы районы тæрхондоны сæрдары хæдивæг æнæнхъæлæджы йæ цардæй ахицæн 3 азы размæ. Лалыты Асланы номарæн турнир аразджытæ фæнд кæнынц æрвылазон скæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania