17 мая 2022, 10:47
Мæздæджы уыд велосипедтыл дугъ
Сарæзтой йæ Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты Уæлахизы 77 азы, стæй Донбассы сæрмагонд операцийы чи архайы, уыцы æфсæддонты кадæн
Мæздæджы уыд велосипедтыл дугъ. Сарæзтой йæ Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты Уæлахизы 77 азы, стæй Донбассы сæрмагонд операцийы чи архайы, уыцы æфсæддонты кадæн. Афтæмæй ма спортсментæ байгом кодтой велосипедтыл балцыты рæстæг. Маршрут уыд 11 километры. Сæ цыд кодтой горæты уынгты, сæ разæй рагон хæдтулгæ тырысаимæ, афтæмæй. Фæндагыл цæугæйæ та, æппынæдзух кодтой хæстон зарджытæ. Традицицмæ гæсгæ ацы акцийы бацархайдтой, канд Мæздæджы цæрджытæ нæ, фæлæ республикæйы æппæт районты минæвæрттæ.