филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:35 пятница, 19 июня 2026
18 марта 2026, 10:34
Мæздæджы Захар Тигеевы номыл скъола-интернаты педагогтæ æмæ ахуырдзаутæ фыццæгты æмрæнхъ райдыдтой гуманитарон æххуыс æмбырд кæнын хæстонтæн

Хъарм цъындатæ, хойрæгтæ, хъæугæ дзаумæттæ, стæй фыстæджытæ æмæ нывтæ æрвыст фæцæуынц мæй иу хатт сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ

Мæздæджы Захар Тигеевы номыл скъола-интернаты педагогтæ æмæ ахуырдзаутæ фыццæгты æмрæнхъ райдыдтой гуманитарон æххуыс æмбырд кæнын хæстонтæн. Хъарм цъындатæ, хойрæгтæ, хъæугæ дзаумæттæ, стæй фыстæджытæ æмæ нывтæ æрвыст фæцæуынц мæй иу хатт сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ. Арæх сæ бахæццæ кæнынц Адæмон фронты минæвæрттæ. Фæлæ ууыл интернаты ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнинæгтæ не рлæууыдысты. Куыддæр сын гæнæн фæцис, афтæ райдыдтой быйын маскировкæгæнæн хызтæ дæр. Волонтерты штаб «Мах стæм иумæ»-йы бынæттон хайады æххуысæй ныридæгæн сцæттæ кодтой 4 хызы. Алкæцыимæ дæр сæвæрынц арфæтимæ фыстæджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania