филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:21 пятница, 19 июня 2026
22 мая 2026, 10:44
Мæздæгæй сфæлдыстадон командæ райдыдта цымыдисаг проект царды уадзын

Автортæ ацыдысты сæрмагонд ахуыртæ

Нарты кадджытæ аразгæ интеллектмæ гæсгæ. Мæздæгæй сфæлдыстадон командæ райдыдта цымыдисаг проект царды уадзын. Автортæ ацыдысты сæрмагонд ахуыртæ. Цæмæй бафтаудзæн дисы проект, уый тыххæй радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Рагон таурæгътæ – цæстыты раз. Раздæр Нарты кадджытæ дзыхæй дзыхмæ лæвæрдтой, ныр та сты аразгæ интеллекты бæрны. Ацы анимацитæ – эпосы фыццаг визуалон равдыст. Хъæппæрис сæвзæрд Дзодзиаты Аслæнбеджы зæрдæйы. У республикæйы видеостудитæй иуы бындурæвæрæг .  Ирон адæмы фыдæлты таурæгътæ йын йæ сабибонтæй цымыдисаг сты. Зæгъы, афæдзы размæ сæ сфæнд кодта йæ чызгæн бакæсын.

Æвиппайды йæм цы хъуыды фæзынд, уымæй рауад стыр проект. Аслæнбег æмæ йæ иузæрдион æмбал Гусаты Русланимæ ацыдысты сæрмагонд ахуыртæ аразгæ интеллектимæ куысты сусæгдзинæдтæ базоныны тыххæй. Æмæ ныр 8 мæйы дæргъы видеостудийы бæстон кæсынц алы лыстæгдзинадмæ дæр. Аразгæ интеллекты æххуыссæй спайда кæныны размæ лæмбынæг базонгæ вæййынц кадджытимæ. Аслæнбеджы ныхæстæм гæсгæ, эпосы уарзон цаутæ зæрдыл æрлæууын кæнын алы хатт дæр вæййы æхсызгон. Йæ зæрдæмæ уæлдай хæстæгдæр у «Уырызмæджы æнæном фырты» кадæг.

Сериалы автортæ рагон текстыты хъуыды нæ ивынц. Сæ хæс у хъайтарты  миддуне æмæ æддаг бакаст равдисын. Сæхи æрхъуыдыгонд у æрмæст зæххы къорийы фыццаг куыдз – Силам. Рауадис сын æрвхуыз. Афтæмæй æвдыст цæуы йæ алæмæты тых.

Проектæн ныридæгæн ис йæхи аргъгæнджытæ. 90 серийы сты цæттæ. Равæрынц сæ алыхуызон хызты, бакæсынц сæм бирæтæ. Автортæ лæмбынæг хъусынц адæмы курдиæттæм, цæмæй сæ фидæны сæ куысты спайда кæной.

Проект фидæнмæ фæуæрæхдæрвæнд кæнынц. Нывтæ уыдзысты ирддæр, хъайтартæ та сдзурдзысты рæсугъд ирон литературон æвзагæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania