филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:44 вторник, 07 мая 2024
30 июня 2023, 11:29
Мæздæггаг цад «Карский»-йы арæзт æрцыдысты кæсаг ахсынæй ерыстæ сывæллæтты хсæн

Архайдтой дзы станицæ Луковскæйы æвзонг хъазахъхъæгтæ

Мæздæггаг цад «Карский»-йы арæзт æрцыдысты кæсаг ахсынæй ерыстæ сывæллæтты хсæн. Архайдтой дзы станицæ Луковскæйы æвзонг хъазахъхъæгтæ. Отряд Пластуны»-йы бакуыстой сæрмагонд программæйыл, сывæллæтты зоныдзинæдтæ фылдæр кæныны тыххæй. Уæвгæ ам кæсаг ахсыны хъуыддаг уарзон у æнæнхъæн бинонтæн. Йæ сусæгдзинæдтæ лæвæрд цæуынц фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Дыууæ азы дæргъы, кæсагахсджытæ Карскийы цадмæ рауадзынц кæсаджы алы хуызты лæппынтæ. Уымæй дарддæр, арæзт фæцæуынц ерыстæ куыд хистæрты, афтæ кæстæрты хсæн дæр. Ерыстæ куыд рауайдзысты, уый бирæ цæмæйдæрты аразгæ у. Зæгъæм боныхъæд, кæсæгты цæуыл ахсай, æмæ афтæ дарддæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ лæппутæ æмæ чызджытæ сæхи хорз бацæттæ кодтой. Æртæ сахаты дæргъы цыди сæ ерыс. Турнир саразджытæ кæронбæттæны сбарстой кæсæгты æрцахст, æмæ сбæрæг кодтой уæлахиздзауты. Фæлтæрдджын кæсагахсджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы хъуыддаг бирæтæн у уарзон. Ивгъуыд азмæ ахæм ерыстæ сывæллæтты хсæн ацы ран арæзт æрцыдысты æртыккаг хатт.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania