филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:51 среда, 22 мая 2024
29 декабря 2020, 12:03
Мæзджæджы районы федералон программæтæм гæсгæ бирæ куыстытæ арæзт æрцыд

Царды æххæстгонд æрцыдысты ахæм проекттæ дæр, куыд «Ахуырад», «Æнæниздзинадхъахъæнынад», «Культурæ» æмæ æндæр къабæзтæ

Цæгат Ирыстоны хъомысджындæр районтæй иу у Мæзджæджы район. Федералон программæтæм гæсгæ дзы бирæ куыстытæ арæзт æрцыд. Зæгъæм ног фæндаджы фæрцы рæхджы Мæздæг Дзæуджыхъæумæ фæхæстæгдæр уыдзæн. Царды æххæстгонд æрцыдысты ахæм проекттæ дæр, куыд «Ахуырад», «Æнæниздзинадхъахъæнынад», «Культурæ» æмæ æндæр къабæзтæ. Бынæттон цæрджытæ сæхæдæг дæр се вæрæн бахастой, цæмæй фæхуыздæр уа сæ район æмæ уымæй рамбылдтой æппæтуæрæсеон конкурсы.

Сухотскæйы фельдшерон-акушерон пункт ифтонг у æппæт хъæугæ кусæнгæрзтæй. Республикæйы æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрад ног арзæтадæн аргъ куы скæна, уæд æй офицалон æгъдауæй байгом кæндзысты. Æдæппæтæй та Мæздæджы районы ацы аз сарæзтой 16 медицинон пункты. Станицæ Павлодольскæйы та æнхъæлмæ кæсынц культурæйы артдзæсты байгоммæ. Бирæ азты дæргъы йæ фыццаг хатт сцалцæг кодтой. Фарон ацы бæстыхайыл сæххæст 60 азы. Ам ис 8 къорды, театралон студи, спортивон кафджыты къорд, алы кары адæм зæрдиагæй архайынц хъазæхъхъæгты зарæггæнæг къорд «Казачка»-йы. Культурон артдзæсты ног комулæфт бауагътой бынæттон аразджытæ. 

Ног уавæрты кусы библиотекæ дæр. Сæ фонды ис 10 мин чиныгмæ хæстæг.

Национ проект «Ахуырад»-ы фæлгæты Станицæ Луковскæйы афæдзмæ арæзт æрцыд сывæллæтты рæвдауæндон. Бынат дзы ис 150 сывæллонæн. Ам алцыдæр ис, цæмæй сывæллон хъомыл кæна спортивон агъдауæй фидар, стæй дзы ис фадæттæ сфæлдыстадон курдиат райхалынæн. Фидæны аз ма хъуамæ байгом кæной, сывæллæтты раст дзурын кæм ахуыр кæндзысты, ахæм къорд. Æдæппæтæй районы сарæзтой 5 уæлæмхасæн бæстыхайы æмæ дыууæ рæвдауæндоны, уый фæрцы ам ныртæккæ рады сывæллæттæ бирæ нал лæууынц. Мæздæджы 3-æгæм скъолайы райдиан кълæсты ахуырдзаутæ дæр цæуынц ног бæстыхаймæ. Ам уæлдай цæст дарынц сывæллæтты тæвд хæринагæй фсадыны хъуыддагмæ.

Нырыккон кусæнгæрзты фæрцы ам æххæстгонд цæуынц Уæрæсейы фæлхасадон Цæдисы домæнтæ. Уæдæ ахуыр кæнынмæ дæр скъола ифтонг у нырыккон техникон фæрæзтæй. Бæстыхай кадджын уавæры байгом æрæджы.

Горæты æнцонвадат уавæртæ аразыны фарста дæр Мæздæджы районы у æппæтæй ахсджиагдæр. Систы проект «Малые города и исторические поселения-2021» -ы æппæтуæрæсеон 6-æм конкурсы  уæлахиздзаутæ.  Ныр проекты фæлгæты Мæздæгæн радих кæндзысты 75 милуан сомы. Цы хъуыддæгтыл сæ хардз кæндзысты, уыдонæй иу у Уæлахизы парк. Фидæны аз дзы фæзындзæн бирæ хиирхæфсæн бынæттæ. Ууыл цин кæнынц бынæттон цæрджытæ дæр

Ацы фæрæзтыл ма бафтдзæн æмæ сæ иумæйаг бæрц уыдзæн фылдæр – 105 милуан сомы. Районы админстрацийы сæргълæууæг зæгъы, æппæт куыстытæ арæзт кæй цæуынц районы социалон-экономикон райрæзты фæткмæ гæсгæ

Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон райрæзт у нæ республикæйы хицауады сæйрагдæр фарстатæй иу. Æмæ фидæны аз, стæй 2022-æм аз дæр дарддæр куыст цæудзæн социалон æгъдауæй ахсджиаг объектты арæзтадыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania