филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:06 четверг, 18 апреля 2024
07 декабря 2022, 11:33
Максим Владимировы разамындæй арæзт æрцыд сæрмагонд æмбырд

Ныхас дзы цыд бæстæйы президенты амынддзиндæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл

Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын минæвары хæдивæг Цæгат Кавказы федералон зылды Максим Владимировы разамындæй арæзт æрцыд сæрмагонд æмбырд. Ныхас дзы цыд бæстæйы президенты амынддзиндæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Æмбырды архайдтой республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис æмæ æндæр бæрнон кусджытæ. Бындурон цалцæджы регионалон программæ Цæгат Ирыстоны куыд æххæстгонд цæуы, уый тыххæй радзырдта цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн. Куыд загъта, афтæмæй фиддонты фарста фæхуыздæр. Уымæй дарддæр активонæй цæуы лифты хæдзарад баивыны хъуыддаг. Вице-премьер Александр Реутов та радзырдта æнæниздзинадхъахъхъæнынады рацарæзты программæйы тыххæй. Хъæуты æнтыстджынæй арæзт цæуынц фельдшерон-акушерон пункттæ. Ифтонг сты нырыккон кусæнгæрзтæй æмæ медицинон кусджытæй. Дзæуджыхъæуы хауæддзæгты полигоны уавæры тыххæй та бæстон доклад скодта æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министр Кокойты Виталий. Афтæ 2023-æм азы фæнд кæнынц æнæзакъон бырондæттæ скуынæг кæнын Æрыдоны, Беслæны, Дигорайы æмæ Алагиры. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй, цы фарстатыл æрныхас кодтой, уыдон тынг ахсджиаг сты Цæгат Ирыстонæн. Уымæн æмæ баст сты нæ республикæйы цæрджыты архайдимæ, æмæ сæм бæстон цæстдард цæуы регионы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы рдыгæй. Уымæй дарддæр, 9-æм декабры онг æххæстбарджын минæвары аппараты кусæг къорд Цæгат Ирыстоны бабæрæг кæндзæн, регионалон программæты чи архайы, уыцы объекттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania