филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:28 понедельник, 06 мая 2024
19 декабря 2023, 12:06
Мамсыраты Хаджумары æмæ Чкаловы уынгты хæдзæртты цæрджытимæ фарста лыггонд æрцыд

Бæстыхæйттæ хъæуы райхалын, цæмæй Чкаловы уынджы хиды цалцæггæнæн куыстытæ кæронмæ ахæццæ кæной, уый тыххæй

Мамсыраты Хаджумары æмæ Чкаловы уынгты хæдзæртты цæрджытимæ фарста лыггонд æрцыд. Бæстыхæйттæ хъæуы райхалын, цæмæй Чкаловы уынджы хиды цалцæггæнæн куыстытæ кæронмæ ахæццæ кæной, уый тыххæй. Уыцы фарстайыл æрдзырдтой, Дзанайты Барисы разамындæй цы аппаратон æмбырд ацыд, уым. Адæмæн æххæстæй бафыстой сæ хæдзæртты тыххæй. Ныр ногæй кусынц регистрацийыл. Исбоны министрады уынаффæмæ гæсгæ, зæххы хæйттæй пайда кæндзæн фæндæгты хæдзарады комитет. Уый тыххæй фехъусын кодта комитеты сæрдар Солиты Тариэль. Æмбырды ма уымæй уæлдай æрдзырдтой Арвыкомы фæндаджы уавæрыл дæр. Уæдæ ныхас цыд республикæйы эпидемиологон уавæрыл дæр. Хъуыддаг зæрдæхсаинаг нæу. Ивгъуыд къуыриимæ абаргæйæ, гриппæй рынчын адæмы нымæц тынг нæ сырæзт. Хицауады Сæрдары хæдивæг Икъаты Русланбег радзырдта, ацы аз республикæйы 70 лифты кæй баивтой, æмæ 776 хæдзары та газæй ифтонг кæныны системæмæ кæй баиу кодтой, уый тыххæй. Иннæ аз та ма сæ баххæст кæндзысты 674-æй. Æмбырды архайджытæ бафиппайдтой, нæ республикæйы национ проекттæ царды хорз æмвæзадыл кæй уадзынц, уый дæр. Уый та – 94 проценты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania