Уый тыххæй проектыл хицауады æмбырды æрныхас кодта паддзхадон исбоны æмæ зæххы ахастдзинæдты министр Тедеты Руслан
Алагиры районы, Мамысоны круортмæ хæстæг, рæстæгмæ бауыромдзысты зæххы хæйттæ æмæ арæзтадæн гæххæттытæ дæттыны куыст. Уый тыххæй проектыл хицауады æмбырды æрныхас кодта паддзхадон исбоны æмæ зæххы ахастдзинæдты министр Тедеты Руслан. Куыд загъта, афтæмæй ахæм мадзæлттæ хаудзысты Уæллаг æмæ Дæллаг Зæрæмæджы, Лисрийы æмæ Тибы территоритæм. Уыцы уынаффæ баст у, Мамысоны хуызæн туристон-рекреацион хицæн экономикон зонæ саразынимæ. Хицауады æмбырды боны фæткы фарстатæй иу уыд – бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæгимæ баст. Хицауады сæрдар Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй профилон программæ зынгæ фæхуыздæр кæндзæн цæрæн хæдзæртты фонд. Уымæй дарддæр ма æмбырды ныхас цыд паддзахадон æххуысы фæрæзтыл дæр. Афтæ аграрон кусджытæн радих кæндзысты 1 миллиард сомæй фылдæр. Уыимæ фермертæн æххуысы мадзæлтты бæрц кæндзæн фылдæр.




