филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:35 суббота, 18 мая 2024
26 июля 2023, 11:40
«Манеж»-ы арæзт æрцæудзысты Æппæтадæмон ерыстæ спортивон хъæбысхæстæй «Кубок Содружеств – Борцовская лига Поддубного»

Турнирмæ цæттæгæнæн мадзæлттыл æрныхас кодтой кусæг æмбырды

27-æй 29-æм июльмæ спорты галуан «Манеж»-ы арæзт æрцæудзысты Æппæтадæмон ерыстæ спортивон хъæбысхæстæй «Кубок Содружеств – Борцовская лига Поддубного». Турнирмæ цæттæгæнæн мадзæлттыл æрныхас кодтой кусæг æмбырды. Амыдта йæ Хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Ерысты архайдзæн дунейы 200 тыхджындæр богалы – уæгъдибар, грекъаг-римаг æмæ сылгоймæгты хъæбысхæсты минæвæрттæ 16 бæстæйæ. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстон у спортивон республикæ, ис нæм стыр фæлтæрддзинад ахæм ахсджиаг мадзæлттæ аразыны хъуыддаджы. Спорты райрæзтмæ стыр æргом здахы регионы разамонæг Сергей Меняйло. Хицауады сæрдары ныхæстæм гæсгæ, алцыдæр скæнын хъæуы, цæмæй турнир бæрзонд æмвæзадыл арæзт æрцæуа, уый тыххæй. Премьер бабар кодта, дзуапдæттæг ведомствæтæн æмархайд кæнын. Ерыстæ арæзт уыдзысты 2 хайæ. 27-æм æмæ 28-æм июлы спорты галуан «Манеж»-ы уыдзæн турниры рейтингон хай – «Кубок Содружества». Уæгъдибар хъæбысхæстæй турниры уыдзæн 10 уæзы категорийы. Алкæцыйыдæр 16 архайæджы. 29-æм июлы та уыдзæн Поддубныйы æппæтадæмон лигæйы хъæбысхæсты изæр. Ерысты программæйы – дунейы хуыздæр хъæбысæйхæцджыты 17 фембæлды. Турниры сæйраг стъалытæ уыдзысты олимпаг чемпионтæ Абдулрашид Садулаев æмæ Сидахъаты Зауырбег.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania