филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:12 суббота, 04 мая 2024
07 сентября 2022, 10:44
Манежы ацыд уæгъдибар хъæбысхæстæй æппæтуæрæсеон турнир

аст уыди Олимпаг хъæзтыты чемпион, Советон Цæдисы спорты сгуыхт мастер Фадзайты Арсены 60 азимæ

«Уæрæсейы ныфс». Манежы ацыд уæгъдибар хъæбысхæстæй æппæтуæрæсеон турнир. Баст уыди Олимпаг хъæзтыты чемпион, Советон Цæдисы спорты сгуыхт мастер Фадзайты Арсены 60 азимæ. Ерысты архайдтой бæстæйы алы регионты æмæ хæстæг фæсарæнты минæвæрттæ. Республикон спорты Галуаны гауызмæ рацыдысты 10 командæйы æвзонг спортсментæ. Ссыдысты Мæскуыйæ, Дагестанæй, Цæцæны республикæйæ, Кæсæг-Балхъарæй, Хъæрæсе-Черкесийæ, Хъырымæй, Абхазæй æмæ Хуссар Ирыстонæй. Турнир байгом кодта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Арфæ ракодта юбилярæн æмæ турниры архайджытæн йæ зæрда загъта стыр æнтыстдзинæдтæ. Ерысты кадджын уазджытæ уыдысты Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан, Смоленскы облæсты губернатор Алексей Островский, Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты федерацийы президент Михаил Мамиашвили, Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур, Уæрæсейы иугонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболат, æмæ олимпаг хъæзтыты чемпионтæ. Спортивон хъæбысхæсты Федерацийæ, турниры призты фонд уыди милуан сомы. Адих æй кодтой призерты хсæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania