филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:42 воскресенье, 19 мая 2024
08 сентября 2020, 11:57
Машинæты фæндаг «Кавказ»-Хурыхъæу-Малгобек-Мæздæджы реконструкци ис йæ тæмæны

Куыстытæ дзы радыдтой 2019-æм азы

Машинæты фæндаг «Кавказ»-Хурыхъæу-Малгобек-Мæздæджы реконструкци ис йæ тæмæны. Куыстытæ дзы радыдтой 2019-æм азы. Ацы фæндаг ахсджиаг у, Мæздæджы район республикæйы иннæ районтимæ иу кæныны хъуыддаджы. Арæзтадон куыстытæ кæм цæуынц, фæндаджы уыцы уаццаг у 58 км. Ныридæгæн дзы арæзт æрцыдысты æртæ хиды. Трассæйы иу хай цæуы хъæдрæбынты, уым та 125 метры сæвæрдтой быцæутæ, цæмæй ламидæттæ æмæ дуртæй хъахъхъæной, уый тыххæй. Фæндæгты æвæрынц сæрмагонд кусæнгæрзтæ, цæмæй дон ма уромой, уый тыххæй, стæй дзы фидар кæнынц ауæдзтæ. Трассæйы дыууæ фарсы дæр æвæрд æрцæудзысты æфсæйнаг бырутæ. Ам алыцыдæр конд уыдзæни нырыккон домæнтæ хынцгæйæ. Баластой 1 млн кубометры кусæн æрмæг. Ныртæккæ аразджытæ кусынц фæндаджы уæлцъар æвæрыны л. Ныккалдтой дзы змис æмæ хуыр. Асфальт сæвæрынæн уал дзы бацæттæ кодтой фæндаджы 24 км. Асфальтæй уал бамбæрзтой Зæронд Бæтæхъойы хъæуы онг, 20 км. Уыимæ транспорты цыд нæ уромынц. Хомаг ласынц Куыд Цæгат Ирыстоны, афтæ Кæсæг-Балхъары карьертæ æмæ заводтой. Куыд нысан кæнынц, афтæмæй фæндаг эксплуатацийы ратдзысты ацы азы кæрон. Уымæ гæсгæ, кусджытæ архайынц радгай суткæйы дæргъы. Асфальты хæрзхъæддзинадмæ бæстон сæ цæст дарынц  цæуы арæзтады хæрзхъæддзинады лабораторийы специалисттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania