филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:59 пятница, 17 мая 2024
13 июня 2019, 12:15
Медицинон æххуыс тынг хъæуы 17-аздзыд Цориты Миленæйы

Æрыгон чызг тох кæны йæ цардыл. У уæззау рынчын, хъыгдард сты йæ уыргтæ, æмæ сæ хъæуы ивын.

Медицинон æххуыс тынг хъæуы 17-аздзыд Цориты Миленæйы. Æрыгон чызг тох кæны йæ цардыл. Фæлæ æрмæст йæхи хъарутæ фаг не сты. У уæззау рынчын, хъыгдард сты йæ уыргтæ, æмæ сæ хъæуы ивын. Донор уыдзæн йæ фыд. Фæлæ трансплантацийæн хъæуынц стыр фæрæзтæ. Миленæйæн баххуыс кæнынæй зæрдæ бавæрдтой Мæскуыйы. Йе ххуысы хай хæссы хæрзаудæн организаци «Русфонд».

17 аздзыд Цориты Миленæ æмбырд кæны зæды фæлгонцимæ мозайкæ. Æнцон куыст нæу, чызг архайы лæмбынæгæй. Миленæ тох кæны йæ цардыл, фæлæ йæм уымæ тых фаг нæй. Æрыгон чызг тыхсы карз низæй. Диагноз- гломерулосклероз. Уый у уыргты низ, нымад у æгъатырдæр низтæй иуыл. Миленæйæн хъæуы йæ уырг аивын. Донор ын уыдзæни йæ фыд, фæлæ трансплантацийæн хъæуы стыр фæрæзтæ.

Миленæ фæрынчын фарон, æмæ йæ дзæбæх кодтой алы клиникæты. Баххуыс кæнынæй йын зæрдæ вæрынц мæскуыйы сывæллæтты æнæниздзинады центры. Цæрынæн æнæмæнг хъæугæ дыууæ препаратæй иу балхæнынæй та йын йæхимæ райста Русфонд. Чызджы æнæниздзинад у уæззау, фæлæ уыцы иу хуызон. Фидæнмæ йæм ис бирæ фæндтæ æмæ нысантæ.

Цориты Миленæйы цард бахъахъхъæнæн ис. Фæлæ йын баххуыс кæнын хъæуы иумæйагæй. Гæнæн æмæ амалæй, кæмæн цас йæ бон у, уый куы нæ бавгъау кæна, уæд чызджы сдзæбæх кæнынæн уыдзæни æххуыс. Цориты бинонтæн хæрз гыццыл æххуыс дæр уыдзæни æххуыс.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania