филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:54 пятница, 19 июня 2026
13 июня 2026, 09:48
Мидхъуыддæгты министрады 28 æрыгон кусæгæн уыд ардбахæрды бон

Кадджын уавæры дзырд радтой, Райгуырæн бæстæйæн æмæ закъонæн зæрдиаг лæггад кæй кæндзысты, уый тыххæй

Мидхъуыддæгты министрады 28 æрыгон кусæгæн уыд ардбахæрды бон. Кадджын уавæры дзырд радтой, Райгуырæн бæстæйæн æмæ закъонæн зæрдиаг лæггад кæй кæндзысты, уый тыххæй. Мадзалы архайдтой куыд фæлтæрдджын кусджытæ, афтæ йæ профессионалон фæндаг æрæджы кæмæн райдыдта, ахæмтæ дæр. Иу рæнхъы лæууынц лæппутæ æмæ чызджытæ, стæй барадхъахъхъæнджытæ. Ам æнæнхъæлæджы адæм нæй. Сты алыхуызон службæтæй æмæ дæлхайæдтæй. Чидæр йæ бинонты хистæрты дæсныйад равзæрста, чидæртæ та зæрдæйы фæндонмæ. Фæлæ сæ иу кæны иу хъуыддаг – Фыдыбæстæйæн æмæ адæмæн лæггад кæнын. æнцон хъуыддаг нæу, фæлæ йыл фæсмон никуы ничи фæкодта.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania