филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:09 воскресенье, 19 мая 2024
29 ноября 2023, 11:13
Михайловскæйы сæрмагонд профессионалон училищæйы рацарæзты фæстæ кадджын уавæры байгом кодтой ног ахуыргæнæн корпус

Нырæй фæстæмæ йæ иу хайы уыдзæн æмдзæрæн

Михайловскæйы сæрмагонд профессионалон училищæйы рацарæзты фæстæ кадджын уавæры байгом кодтой ног ахуыргæнæн корпус. Нырæй фæстæмæ йæ иу хайы уыдзæн æмдзæрæн. Раздæр цæрæнуæттæ уыдысты аварион бæстыхайы. Ахуыргæнæндон бабæрæг кодта Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. Федта бæстыхæйттæ, æмæ аргъ скодта рацарæзты куыстытæн. Фæстæдæр аныхас кодта фæсивæдимæ. Профессионалон училищæйы ахуыр кæнынц 50 лæппуйы æмæ чызджы, 14 азæй 18 азы онг. Сæ бон у 4 дæсныйадæй иу равзарын: хæринаггæнæг, хилдасæг, маляр, халсарты куыстгæнæг. Раздæр фæсивæд уыдысты сыхаг корпусы. Фæлæ бæстыхай уыд зæронд, æмæ хаст æрцыд уынаффæ – æмдзæрæн ахуыргæнæн корпусмæ раивын. 2024-æм азы райдайдзысты ахуыргæнæн кабинеттæ бындурон цалцæг кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania