филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:54 понедельник, 20 мая 2024
18 декабря 2020, 13:24
Министр Хуыгаты Алан хатзæгтæ скодта спортивон азæн

Журналисттимæ фембæлды фæнысан кодта, æппæтæй стырдæр æнтыстдзинæдтæ

Цавæр антыстытæ бафтыд ацы аз спорты, уый тыххæй радзырдта республикæйы физкультурæ æмæ спорты министр Хуыгаты Алан. Журналисттимæ фембæлды фæнысан кодта, æппæтæй стырдæр æнтыстдзинæдтæ. Уыдонмæ хауынц – кæй байгом кодтой футболы академи»Алания», стадион Спартачы райдыдта бындурон рацарæзт, сарæзтой спортивон хъæбысхæсты центр. Министр ма фæнысан кодта – спортивон секцитæ кæй сты дзаг, уый та ууыл дзуры æмæ фæсивæд тырны спортмæ. Фæнд кæнынц дарддæр дæр уавæртæ аразын дæрддзæф хъуты цæрæг фæсивæдæн.

Ахсджиаг уыдзæн уый дæр, æмæ куы байгом уа 5 мин адæймаджы кæм цæуынц ахæм спорты галуан. Ам хъуамæ баиу уой æппæт спорты хуызтæ. Бынат дзы уыдзæн куыд фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдонæн, афтæ номдзыд спортсментæн дæр. Ахæм галуан нысан кæнынц саразын Джызæл æмæ Дзæудыжхъæуы хсæн. Ныртæккæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц йæ проектон-сметон документаци.

Æнтыстдзинадыл банымайæн ис уый дæр, æмæ футболы хуыздæр традицитæ кæй сног кодтой. Министры хъуыдымæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны клубæн ис, цæмæй раппæла, уый. Раппæлинаг сты нæ богæлттæ дæр. Хуыгаты Алан бафиппайдта, кæд аз уыд уæззау, пандемийæ сæвзæрын кодта бирæ къуылымпытæ, уæддæр 2020-æм аз рауад бæркадджын. Уæдæ тренировкæтæ дæр нæ баурæдтой æмæ зæрдæ дарæн ис, фидæны аз дæр бирæ æнтыстдзинæдтæ кæй равдисдзысты, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania