филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:06 четверг, 02 мая 2024
14 декабря 2021, 11:19
Мустыздæхы нæй культурæйы хæдзар

Сывæллæттæн æндæр гæнæн нæй, æмæ аивады хуызтимæ зонгæ кæнынц спортивон комплпексы

Мустыздæхы культурæ æмæ спорт кæрæдзиимæ æнгом баст сты. Уымæн æмæ хъæуы нæй культурæйы хæдзар. Сывæллæттæн æндæр гæнæн нæй, æмæ аивады хуызтимæ зонгæ кæнынц спортивон комплпексы. Бынæттон цæрджытæ ма йæ хорз хъуыды кæнынц, сæ клуб куыд уыста, уый. Фæлæ йæ 20 азы размæ банымадтой кæлæддзагыл æмæ йæ сæхгæдтой. Темæйыл дарддæр радзурдзæн Сосранты Жаннæ.

Кæфтытæ, зарджытæ, сценикон дæсныйад, æппæт ацы сфæлдыстадон къордтæ архайынц спортивон залы. Суанг ма чиныгдон дæр хаст æрцыд ардæм. Ам сывæллæттæн чингуытæ кæсгæ рауайы, тренертæ сæ хъомылгæнинæгтимæ куы фæархайынц сæрмагонд спортивон секциты, афтæмæй.

Олисаты Любæ Мустыздæхы цæры æнусы æрдæгæй фылдæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ бынæттон клубы ма-иу шахмæттæй дæр хъазыдысты. Бынæттон культурæйы артдзæсты къултæ ма хъуыды кæнынц, ам цы диссаджы бæрæгбæттæ арæзт цыд, стæй дзы хъæуы цæрджытæ куыд зæрдиагæй æмбырд кодтой кинонывмæ бакæсынмæ, уый.  Бæстыхай кæлæддзагыл нымад æрцыд 20 азы размæ.

Уæддæр, æппæт зындзинæдтæ нæ хынцгæйæ, сывæллæттимæ куыст цæуы сфæлдыстадон къордты. Арæх свæййынц уæлахиздзаутæ районы æмæ республикæйы æмвæзады фестивалты. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ иннæ аз Мустыздæх кæй бæрæг кæндзæн йæ 100 азы юбилей. Фæлæ ам куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ бæрæбон кæм кæндзысты, уый бæрæг нæу.

Мустыздæхы цæрджыты уырны, сæ фарста рæхджы лыггонд кæй æрцæудзæн, уый. Уæдмæ та уал сабитимæ кусдзысты раздæры уавæрты. Æмбарынц æй, сывæллоны миддунейы райрæзтыл æрвылбон кусын кæй хъæуы, уый. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ Дыгуры районы Мустыздæх иунæг хъæу кæй у, культурæйы артдзæст кæм нæй, ахæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania