филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:10 среда, 22 мая 2024
30 апреля 2024, 12:40
Гæздæнты Гайтойы мистикон роман «Призрак Александра Вольфа»-йы хъайтартæ рацыдысты Ирон театры сценæмæ

Мæскуыйаг театр «Эрмитаж»-ы актертæ равдыстой спектакль «Слепые кони Фортуны»

Гæздæнты Гайтойы мистикон роман «Призрак Александра Вольфа»-йы хъайтартæ рацыдысты Ирон театры сценæмæ. Мæскуыйаг театр «Эрмитаж»-ы актертæ равдыстой спектакль «Слепые кони Фортуны». Мæскуыйы сценæйы йæ æвдыстой 20 хаттæй фылдæр, республикæйы аивадуарзджытæн та бацæттæ кодтой æхсызгон лæвар – сæйраг рольтæй иу ахъазыд Уалыты Гиви.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театры сценæйы Мæскуыйаг театр «Эрмитаж»-ы актертæ. Хъазынц Гæздæнты Гайтойы роман «Призрак Александра Вольфа»-мæ гæсгæ æвæрд спектакль «Слепые кони Фортуны». Ацы истори аивадуарзджыты ахаста 20-æм æнусы райдианы Уæрæсемæ æмæ 30-æм азты Парижмæ. Спектакль арæзт у сæйраг хъайтары алыварс. Уый у журналист-эмигрант. Уæрæсейæ куы ралыгъд, уæдæй фæстæмæ сусæг кæны карз хабар. Кæй амардта, уыцы адæймаджы фæлгонц алы ран йæ фæдыл цæуы, æмæ бонæй-бонмæ уыцы сурæт кæны æцæгдæр æмæ тæссагдæр.

Спектаклы сæйрагдæр хъайтартæй ма иу – инспектор Жан. Йæ сурæт сарæзта Владимир Дмитриев. Сюжетмæ гæсгæ фæлвары лæгмар Курчавый Пьеройы ссарын. Владимир куыд зæгъы, афтæмæй спектакль хуымæтæг нæу æрмæст аивадуарзджытæн нæ, фæлæ актертæн дæр. Репетицитæ цыдысты афæдзы бæрц. Владимир Дмитриев йæхæдæг у Цæгат Ирыстонæй рацæугæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, райгуырæн зæххыл хъазын уæлдай æхсызгон у.

Спектакль «Слепые кони Фортуны» афæдзмæ Мæскуыйы равдыстой 20 хаттæй фылдæр. Актерты хыгъд нæ ивта. Фæлæ Цæгат Ирыстоны Мæскуыйаг театр «Эрмитаж»-ы аивадон разамонæг Михаил Левитин бахаста ивддзинад. Александр Вольфы сурæт республикæйы аивадуарзджыты размæ рахаста Ирон театра аивадон разамонæг Уалыты Гиви. Премьерæйы агъоммæ йын уыд æрмæст 3 репетицийы. Фæлæ, уый нæ хынцгæйæ, Гиви йæ хъайтары сурæт иттæг хорз сарæзта, загъта Михаил Левитин.

Гастрольты программæмæ гæсгæ уазджытæн уыд пресс-конференци. Ирон театры директор Дудайты Чермен куыд загъта, афтæмæй гæнæн ис, æмæ хæстæгдæр рæстæг Мæскуыйаг театр «Эрмитаж» нæ актертæ бабæрæг кæндзысты дзуапдæттæг гастрольтимæ.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania