Ахæм хæс æвæрд уыди, конкурс «Стыр Уæлахиз»-ы архайджыты раз
Музыкалон уацмыс хъуамæ аивадуарзджытæм гуырын кæна патриотон æнкъарæнтæ. Ахæм хæс æвæрд уыди, конкурс «Стыр Уæлахиз»-ы архайджыты раз. Нырма уал арæзт æрцыд йæ фыццаг къæпхæн центр «Заря»-йы. Æфсæддон зарæджы 8-æм республикон конкурсы архайдтой профессионалон ахуыргæнæндæтты студенттæ. Уыдон сæхи цæттæ бæстон кодтой. Канд вокалон зонындзинæдтæ не вдыстой, фæлæ бакуыстой сæ уæлæдарæсыл æмæ видеоæрмæгыл дæр. Конкурсы ис 2 номинацийы: «Солист» æмæ «Вокалон ансамль». Сæйраг домæнтæ – тематикæ, сценикон культурæ æмæ вокалы хæрзхъæддзинад. Хуыздæрты бæрæг кодтой нæ республикæйы культурæйы сгуыхт архайджытæ. Уæлахиздзаутæн æмæ призертæн кад кæндзысты гала-концерты. Арæзт æрцæудзæн 21-æм апрелы.