12 апреля 2023, 11:49
Нæ бæстæйы 500 спортсменæй фылдæр архайдзысты Уæрæсейы чемпионаты фехтованийæ
Ерыстæ цæудзысты 17-æмæй – 24-æм апрельмæ спорты галуан «Манеж»-ы
Нæ бæстæйы 30 регионæй 500 спортсменæй фылдæр архайдзысты Уæрæсейы чемпионаты фехтованийæ. Ерыстæ цæудзысты 17-æмæй – 24-æм апрельмæ спорты галуан «Манеж»-ы. Турниры зачеттæ æвæрдзысты рапирæйæ, шпагæйæ æмæ æхсаргардæй. Чемпионат у ахадгæ, уымæн æмæ сæмбырд кæндзæн Уæрæсейы тыхджындæр спортсменты
темæмæ гæсгæ