филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:51 пятница, 03 мая 2024
17 ноября 2023, 11:08
Нæ республикæйы фæстаг рæстæг шахмæттæ тынг апарахат сты

Уыимæ фылдæр кæнынц спортсменты æнтыстдзинæдтæ дæр

Нæ республикæйы фæстаг рæстæг шахмæттæ тынг апарахат сты. Уыимæ фылдæр кæнынц спортсменты æнтыстдзинæдтæ дæр. Октябры Дагестаны цы ерыстæ ацыдысты, уырдыгæй Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ сластой 17 майданы. Архайдтой дзы 50 æвзонг спортсменæй фылдæр. 2024-æм азы та ацæудзæн Уæрæсейы фыццаг бынат рамбулыны лига шахмæттæй сывæллæтты хсæн. Спортсментæ сæхи куыд цæттæ кæнынц, уый тыххæй радзурдзæн нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ.

Логикæ, хиуылхæст æмæ хъуыдыкæнынад. Ахæм миниуджытæ хъуамæ уой, шахмæттæй чи архайы, уыцы адæммæ. Есенаты Тимур æмæ Янæ сты хо æмæ фсымæр. Шахмæттæм уарзондзинад сæм фæзынд сæ мады руаджы. Адæймаджы хъуыдыкæнынад цы спорты хуыз рæзын кæны, уымæй архайынц 3 азы. Куыд зæгъынц, афтæмæй сæхи кафты къорды дæр фæлвæрдтой, фæлæ сын шахмæттæ уæддæр хæстæгдæр сты. Кæй зæгъын æй хъæуы, скъолайы дæр ахуыр кæнынц æрмæст фондзтыл.

Хо æмæ фсымæр ерыстæм сæхи тынг зæрдæргъæвдæй фæцæттæ кæнынц. Зæгъæм, фæкæсынц зындгонд шахматистты партитæм, сæ хъазты цыд сын ныффыссынц гæххæттыл, цæмæй йæ сахуыр кæной, уый тыххæй. Ерысты рæстæг сын æххуыс фæкæны канд сæ тренер нæ, фæлæ ма сæ нана дæр. Легкойты Светланæ куыд зæгъы, афтæмæй йæ чызджы цоты ерысты алкæцыйы дæр уыд.

Æрæджы Дагестаны ацыдысты Цæгат-Кавказы Федералон зылды фыццаг бынат рамбулыны ерыстæ. Нæ республикæйы кад дзы хъахъхъæдтой 50 æвзонг спортсменæй фылдæр. Уыдысты алы кары. Æдæппæтæй нæ республикæмæ сластой 17 майданы. Уыдонæй 10 уыдысты сыгъзæрин, 4 æвзист, 3 та бронзæйæ.

РЦИ-А-йы шахмæтты федерацийы президент Брытъиаты Дзамболат куыд зæгъы, афтæмæй нæ республикæйы шахмæттæй архайæг адæм дæр фæфылдæр сты, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, фæхуыздæр сты се нтыстдзинæдтæ дæр.

2024-æм азы, апрелы ацæудзæн Уæрæсейы фыццаг бынат рамбулыны уæлдæр лига шахмæттæй сывæллæтты хсæн. Цæгат Ирыстоны кад дзы хъахъхъæндзысты 20 спортсменæй фылдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania