филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:43 пятница, 17 мая 2024
03 августа 2023, 12:37
Нæ республикæйы фыццаг спортивон журналист Баскаты Уырызмæг абон бæрæг кæны йе 80 азы юбилей

Бирæтæ йын хъуыды кæнынц йæ программæтæ «Осетия спортивная», «Восточная трибуна», «На ковер приглашаются»

Нæ республикæйы фыццаг спортивон журналист, актер æмæ режиссер, Ирыстоны Намысы майданы хицау Баскаты Уырызмæг абон бæрæг кæны йе 80 азы юбилей. Йе сфæлдыстадон фæндаг райдыдта театрæй. Уый фæстæ уыдысты кинонывтæ æмæ режиссеры дæсныйады фыццаг фæлтæрæнтæ.1984-æм азы Уырызмæг райдыдта кусын телеуынынады. Фæстæдæр та сси спортивон журналистикæйы мэтр. Бирæтæ йын хъуыды кæнынц йæ программæтæ «Осетия спортивная», «Восточная трибуна», «На ковер приглашаются». Ныртæккæ Баскаты та Уырызмæг кусы республикон газет «Рæстдзинад»-ы. Цавæр зæрдæйы ахастимæ мбæлы йæ юбилейыл, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Æрыдойнаг лæппу – Баскаты Уырызмæджы бирæтæ базыдтой æмæ бауарзтой, ацы кинонывмæ кæсгæйæ. 1968-æм азы Мæскуыйы Щукины номыл театралон училищæ каст куы фæци, уæд æвæстиатæй хаст æрцыд Ирон театры труппæмæ. Уыцы-иу рæстæг базонгæ Цæгат Ирыстоны радиойы æмæ телеуынынады комитеты сæрдар Æгъуызарты Æхсарбегимæ. Уый та йæм фæдзырдта режиссеры ассистентæй бакусынмæ, аивадон кинонывмæ «Костры на башнях». Афтæмæй æрыгон лæппу бахауд сфæлдыстады уацары. Республикæйы фыццаг спортивон журналист, актер æмæ режиссер, Ирыстоны намысы майданы хицауы хицæн кæнынц уæздандзинад, куыстуарзондзинад, æмæ уыцы-иу рæстæг алы ногдзинæдтæм тырнæг адæймаджы миниуджытæ.

Кæддæриддæр хиуылхæцт, мидбылхудгæйæ æмæ хæлар зæрдæйы ахастимæ. Фидарæй зæгъæн ис уый, æмæ ацы бон Уырызмæгæн раарфæ кæнын бирæты бафæнддзæн. Уымæн æмæ йæ нымайынц хионыл. Уæлдайдæр та – республикæйы спортивон æхсæнады.

Баскаты Уырызмæг йæ бинойнагимæ схъомыл кодтой хорз кæстæрты, сæвæрдтой сæ царды раст фæндагыл. Уæвгæ, Уырызмæджы бирæтæ уарзынц, кæнынц ын уæлдай кад. Кæмфæнды куы куса, уæддæр ын вæййы æнгом æмæ хæларзæрдæ коллектив.

Зындгонд спортивон журналистæн аккаг аргъ кæнынц куыд хистæртæ, афтæ кæстæртæ дæр. Уымæн æмæ Уырызмæгæн цыфæнды темæйы дæр ис арф зонындзинæдтæ. Райдай спорты алы хуызтæй, æмæ культурæйы, ахуырады æмæ хъæууон хæдзарады къабæзтæй фæуы. Хуымæтæджы йæ спортивон журналистикæйы хъæлæс не схуыдтой. Уыцы ныхæстæ Уырæзмæгæн æхсызгон куыд не сты, фæлæ сыл сæмбæлы уæзданæй. Куыд зæгъы, афтæмæй йын кæддæриддæр сæйрагдæр уыд хуымæтæг адæмы уарзондзинад. Уымæн æмæ уыдонæн æгæрон лæггад кодта æмæ кæны ныр дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania