филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:36 пятница, 26 апреля 2024
18 мая 2022, 10:17
Нæ республикæйы газы артаджы аргъ, Цæгат Кавказы иннæ регионтимæ абаргæйæ, бирæ рæстæг у æнæивгæ

Ацы бонты сбæрæг, артаджы аргъ кæй фæкъаддæр 1 сом æмæ 80 капеччы онг

Нæ республикæйы газы артаджы аргъ, Цæгат Кавказы иннæ регионтимæ абаргæйæ, бирæ рæстæг у æнæивгæ. Дисы фтауы машинæты хицæутты, стæй республикæйы разамынды. Ацы бонты сбæрæг, артаджы аргъ кæй фæкъаддæр 1 сом æмæ 80 капеччы онг. Цавæр цæстæнгас ис сæвзæрд уавæрмæ артаджы станцæты хицæуттæм æмæ шофыртæм, уый тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Нырæй фæстæмæ ис фæтауæрц кæнæн, æмæ бинонты бюджеты хæрдзтæ фæкъаддæр кæнын. Æмæ ууыл æнæ бацингæнгæ нæй. Уæлдайдæр та машинæты артаджы кой куы кæнай, уæд.

Газы артаджы аргъ хъуамæ фæкъаддæр уа. Ахæм амынд Сергей Меняйло радта, æрæджы амалхъом адæмимæ цы æмбырд сарæзта, уым. Транспорты газы аргъ сыхаг регионты дыууæ мæйы размæ дæр ма фæкъаддæр, Цæгат Ирыстоны та уыцы куыст фæкъуылымпы. Адæмæй цæуын райдыдтой хъæстытæ.

Бизнесы минæвæрттæ республикæйы Сæргълæууæджы хъуыдыимæ сразы сты. Дыууæ бонмæ газы артаг чысыл фæасламдæр. Æргъты мониторинг бабар кодтой экономикон рæзты министрадæн. Ныртæккæйы онг артаджы ацы хуызы аргъ алы станцæты рæстæмбисæй 1 у иу сом æмæ 80 капеччы.

Иннæ компаниты минæвæрттæ дæр зæгъынц – сæ æргътыл бакуыстой. Прогнозтæм гæсгæ – аргъ хъуамæ дарддæр дæр къаддæргæнгæ цæуа.

Фарстамæ бæстон цæстдард цæуы экономикон рæзты министрады рдыгæй. Ныртæккæ ахсджиаг у, цæмæй æргътæ баззайой ацы æмвæзадыл. Хъуыддагæн ис социалон ахадындзинад.

Ацы къуырийы кæронмæ мониторинг арæзт æрцæудзæн ногæй. Æргътæм цæст дарынмæ сидынц республикæйы Парламенты дæр. Закъонæвæрæг оргæны минæвæрттæ нысан кæнынц сæрмагонд фембæлд саразын, цæмæй раиртасой – æргътæ снысан кæныныл бæрнон кусджытæ ныхас бакодтой, æви нæ, уый.

Парламенты ма зæгъынц – уавæрæй рацæуæн ис. Фыццаг къахдзæф ныридæгæн скодтой. Ныр та æппæтæй ахсджиагдæр у – æргъты æмвæзад бахъахъхъæнын. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ субъектты æргъты политикæ аразынц федералон артаджы станцæтæ. Уыдон та Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хъуыдыимæ сразы сты. Уыцы фæндаг хъуамæ бацамоной иннæ регионтæн дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania