филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:17 понедельник, 06 мая 2024
06 сентября 2023, 11:13
Нæ республикæйы кадджын уавæры схорзæхджын кодтой конкурс «Ирыстоны фыццаг ахуыргæнджыты – рухстауджыты» уæлахиздзауты

Мадзал ацыд нывгæнджыты цæдисы равдыстыты фæзы

Нæ республикæйы кадджын уавæры схорзæхджын кодтой конкурс «Ирыстоны фыццаг ахуыргæнджыты – рухстауджыты» уæлахиздзауты. Мадзал ацыд нывгæнджыты цæдисы равдыстыты фæзы. Ныр, Ирыстоны цардмæ æгæрон æвæрæн чи хаста, уыцы адæмы хуызтæ æнусон уыдзысты скульптурæты руаджы. Конкурс дæр уый тыххæй сарæзтой, цæмæй фидæны фæлтæр уыной уыцы адæмы цæсгæмттæ.

Алани паддзахадыл аргъуыды мин 100 азы кæй рацыд, уый фæдыл Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархийы, республикæйы нывгæнджыты цæдисы минæвæртты æмæ æхсæнад «Дзæнгæрæджы» хъæппæрисæй арæзт æрцыд хуыздæр скульптурæты конкурс. Архайджыты хъуыд, формæ кæмæн нæй, ахæм æрмæгæй саразын Ирыстоны фыццаг ахуыргæнджыты æмæ рухстауджыты хуызтæ. Хатдзæгтæм гæсгæ, уыцы хъуыддаг сфæлдыстадон адæмæн сæ къухы бафтыд.

Фыццаг ахуыргæнджытæ – рухстауджытæ Ирыстоны сарæзтой фыццаг скъолатæ, рынчындонтæ, æххуыс кодтой хуымæтæг адæмæн. Ахуыргæнджыты руаджы арæзт æрцыд ахуырады æмæ рухстауынады фыццаг системæ. Фылдæр мыхуыр кæнын райдыдтой чингуытæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы адæмы нæмттæ рох кæнæн нæй.

Нывтæ кæнын, уый иу, фæлæ хъуыстгонд адæмы хуызтæ дурыл равдисын – уый та уæлдай ахсджиаг у. Скульптортæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй Ирыстоны райрæзтмæ пайдайаг æвæрæн кæй бахæсдзысты ууыл хъуыды кæнгæйæ, сæ куыст æнцондæрæй цыд. Уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой æхцайы премитæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania