филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:24 пятница, 03 мая 2024
18 октября 2023, 12:20
Нæ республикæйы ныридæгæн спортæй архайынц 233 мин адæймаджы

РЦИ-А физкультурæ æмæ спорты закъон царды уадзгæйæ, æрныхас кодтой министрадты, ведомствæты æмæ спортивон Федерациты æмгуыстадыл

Нæ республикæйы ныридæгæн спортæй архайынц 233 мин адæймаджы. Фаронимæ абаргæйæ уый у 12 мин адæймагæй фылдæр. Ууыл æрдзырдтой парламентон байхъуыстыты. РЦИ-А физкультурæ æмæ спорты закъон царды уадзгæйæ, æрныхас кодтой министрадты, ведомствæты æмæ спортивон Федерациты æмгуыстадыл. Уымæй дарддæр ма ныхас цыд Беслæны стадион «Пищевик»-ы рацарæзтыл, Дзæуджыхъæуы стадион «Спартак» æмæ спорты галуан «Манеж»-ыл дæр. Заводскойы та сарæзтой ног спортивон фæз, цæмæй æнцондæр уа фæсивæды спортивон цæттæдзинад раиртасыны мадзæттæ аразын. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-А физкультурæ æмæ спорты министры хæдивæг Санаты Аидæ. Кусынц, цæмæй нæ республикæйы æнæниз цардыуаг чи кæны, ахæм адæм фылдæр кæной, ууыл. Регионы фылдæр кæнынц спортивон клубтæ дæр. Спортивон клубтæ æмæ театралон къордтæ цæмæй хъæугæ кусæнгæрзтæй сифтонг кæной, уый тыххæй дихгонд æрцыди 117 милуан сомы. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. Сæйраг фарстатæй иу – ирон атлеттæ æндæр регионты кад кæй хъахъхъæнынц, уый. Баст у, фæрæзтæ фаг кæй нæй, уыимæ. Фарста цæмæй лыггонд æрцæуа, уый тыххæй хъæуы закъæттæм æркæсын – зæгъы Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania