филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:06 пятница, 03 мая 2024
11 июля 2023, 11:35
Нæ республикæйы сбæрæг кодтой ирон адæмы кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Хетæджы бон

Традицимæ гæсгæ ацы бынатмæ мингай адæм цыдысты æртыгай кæрдзынтимæ, куывтой Хуыцаумæ æмæ Лæгты Дзуармæ æмæ сæ куырдтой æнæниздзинад

Адæмы монон царды символ. Нæ республикæйы сбæрæг кодтой ирон адæмы кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Хетæджы бон. Традицимæ гæсгæ ацы бынатмæ мингай адæм цыдысты æртыгай кæрдзынтимæ, куывтой Хуыцаумæ æмæ Лæгты Дзуармæ æмæ сæ куырдтой æнæниздзинад. Уæдæ сыгъдæг къохы куывтой не мзæххонты тыххæй дæр, цæмæй сæрмагонд æфсæддон операцийæ рæхджы сæ уæзæгмæ æрæздæхой, уый тыххæй. Нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ бæлвырддæр радзурдзæн, бæрæгбон куыд ацыд, уый тыххæй.

Ирыстоны кадджындæр бæрæгбæттæй иу, традицимæ гæсгæ райдайы Хуыцаумæ куывдæй. Хетæджы къохы банкъарæн ис сыгъдæг удты тæваг. Козырты Æхсæртæг ацы бынатмæ æрбацæуы алы аз дæр. Æххуыс фæкæны, бæрæгбоны агъоммæ чи фефснайы, уыдонæн дæр. Фæлæ ацы аз Æхсæртæгæн уæлдай ахсджиаг у. Йе фсымæр архайы сæрмагонд æфсæддон операцийы.

Ирыстоны алы хæдзары фсин дæр кæны æртæ чъирийы, хистæртæ та кувынц Хуыцаумæ, æмæ дзы курынц æнæниздзинад æмæ сабырдзинад. Нæ республикæйы цæрджытæн бæрæгбоны фæдыл раарфæ кæнынмæ Хетæджы къохмæ æрбацыд Сергей Меняйло.

Сыгъдæг къохмæ адæм цæуынц се ртæ кæрдзынтимæ, цæмæй скувой Хуыцаумæ æмæ Лæгты Дзуармæ. Бæрæгбон æрбамбырд кодта канд Цæгаты нæ, фæлæ ма Хуссар Ирыстоны цæрджыты дæр.

Хетæджы сыгъдæг къох цымыдисаг у туристтæн дæр. Мæскуыйы цæрæг Наталья Анисимова ацы бынаты ис фыццаг хатт. Куыд зæгъы, афтæмæй æнхъæл дæр нæ уыд, ахæм æрдзон рæсугъддзинад æмæ хæларзæрдæ адæм фендзæн, уый.

Сыгъдæг къохы Хуыцаумæ куывтой не мзæххонты тыххæй дæр, цæмæй сæрмагонд æфсæддон операцийæ рæхджы æрæздæхой, уый тыххæй.

Кувæндонмæ адæм цæуыц рагæй. Уыцы традици æххæст кæнынц фæлтæрæй фæлтæрмæ. Бæрæгбон та рагæй сси æппæтадæмон нæ бирæнацион республикæйы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania