Амыдта йæ Сергей Меняйло
Нæ республикæйы терроризмы æмæ экстремизмы фæзындытæ не руадзыныл ныхас цыд антитеррористон къамисы æмбырды. Амыдта йæ Сергей Меняйло. Бæлвырддæр та ныхас цыд хъæлæс кæныны иумæйаг боны æмæ æндæр дзыллон мадзæлтты рæстæг æдасдзинадыл. Ахадгæ мадзæлтты тыххæй бæстон доклад скодта Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады экстремизмы ныхмæ центры хицау Гæдиаты Аслан. Куыд бафиппайдта, афтæмæй Арæнхъахъхъæнæн управлениимæ аразынц иумæйаг мадзæлттæ. Стыр æргом здахынц миграцион фарстатæм. Æппæт фæсарæйнаг цæрджыты сбæрæг кæнынц Интерполы уылты. Республикæйы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ Цæгат Ирыстоны хъæуы профилактикон архайд фæахадгæдæр кæнын, цæмæй нæ республикæйы цæрджытæ террористон организацитæм сæ ных ма аразой, уый тыххæй.