13 декабря 2024, 12:26
Намысы Аллеяйы байгом кодтой номарæн дур, сæрмагондæй Цæцæны кампанийы архайджыты кадæн
Сæххæст 30 азы, Цæцæны республикæйы территоримæ æфсæдтæ куы бакодтой, ууыл
Намысы Аллеяйы байгом кодтой номарæн дур, сæрмагондæй Цæцæны кампанийы архайджыты кадæн. Сæххæст 30 азы, Цæцæны республикæйы территоримæ æфсæдтæ куы бакодтой, ууыл. Уæд барадон фæтк сног кæныны операцийы архайдтой сæдæгай цæгатирыстойнаг æфсæддоны дæр. Номарæн дур сæвæрыны хъæппæрисы автор у Æппæтуæрæсеон æхсæнадон организаци «Фыдыбæстæйы æдзард хъахъхъæнджыты бинонты» цæгатирыстойнаг хайады сæрдар Татьяна Днепровская. Æдзард хæстонты ном æрымысынмæ æрбацыдысты скъоладзаутæ, æвзонг æфсæддонтæ, Уæрæсейы гвардионтæ æмæ хæстон цауты ветерантæ. Нысантæм гæсгæ, ацы ран фæнд кæнынц цыртдзæвæн сæвæрын æмæ алфамблай территори саив кæнын.




