филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:55 четверг, 02 мая 2024
14 апреля 2023, 11:19
Нартиадæйы аз æххæстгæнгæйæ, Мæздæджы сæйраг библиотекæйы арæзт æрцыд брейн-ринг Нарты кадджытæ зонынæй

Интеллектуалон ерысы архайынмæ æрæмбырд сты районы скъолаты ахуырдзаутæ – æдæппæтæй 7 командæйы

Нартиадæйы аз æххæстгæнгæйæ, Мæздæджы сæйраг библиотекæйы арæзт æрцыд брейн-ринг Нарты кадджытæ зонынæй. Интеллектуалон ерысы архайынмæ æрæмбырд сты районы скъолаты ахуырдзаутæ – æдæппæтæй 7 командæйы. Жюрийы хыгъды – Киевскæйы хъазахъхъаг æхсæнады уæнгтæ, стæй республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг Гаглойты Индирæ. Девиз, архайджыты презентаци, хæдзармæ куыст – сывæллæттæ хъазтмæ сæхи хорз бацæттæ кодтой, зыдтой Нарты хъайтарты нæмттæ, фæрстытæн лæвæрдтой бæлвырд дзуæппытæ. Раст дзуæппыты тыххæй жюрийы уæнгтæ майдантæй схорзæхджын кодтой хъазтмæ бакæсынмæ чи æрбацыд, уыдоны дæр. Æппæтæй фылдæр баллтæ райста Советскийы скъолайы командæ «Барс». Æппæт архайджытæн лæвæрд æрцыд кады гæххæттытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania