филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:27 суббота, 04 мая 2024
12 марта 2024, 12:43
Национ музейы байгом, дунейы цирчы фыццаг сылгоймаг барæг Тугъанты Дзерассæйы номимæ баст равдыст

Бацæттæ йæ кодтой йæ райгуырды 95 азмæ

«Ирон амазонкæ». Цæгат Ирыстоны национ музейы байгом, дунейы цирчы фыццаг сылгоймаг барæг Тугъанты Дзерассæйы номимæ баст равдыст. Бацæттæ йæ кодтой йæ райгуырды 95 азмæ. Тугъанты Дзерассæ зындгонд уыд канд Уæрæсейы нæ, фæлæ æппæт дунейы дæр. 1951-æм азы архайдта йæ фыд Михаилы труппæйы, 1962-æм азы та сарæзта йæхи къорд. Хуынд «Ирыстон». Уыимæ артисткæ æрзылд 50 бæстæйыл. Уый æмæ йæ барæг-джигиттæ советон циркæн кодтой дунеон кад. Равдыстмæ хаст æрцыдысты Тугъанты 3 фæлтæры хуызистытæ æмæ дзаумæттæ. Экспозици ахæсдзæн мæй. Алкæмæндæр æй йæ бон у бабæрæг кæнын лæвар.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania