Сфæлдыстадон проект «Кадджын театры кадджын хистæртæ» æххæст кæнгæйæ
Сфæлдыстадон проект «Кадджын театры кадджын хистæртæ» æххæст кæнгæйæ, Национ наукон библиотекæйы арæзт æрцыд аивадон номарæн изæр. Æрымсыдысты дзы ирон драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойы, йæ чызг – фыццаг сылгоймаг режиссер Брытъиаты Зарифæйы æмæ ирон театралон аивады бындурæвæрæг Тотраты Бесæйы ном. Зындгонд театралон архайджыты æрымысынмæ æрбацыдысты се мкусджытæ æмæ фæдонтæ, театры артисттæ, студенттæ, аивадуарзджытæ. Мадзал саразджытæ бацæттæ кодтой корифейты театралон куыстыты архивон кадртæ. Радзырдтой сын сæ аивадон фæндаджы тыххæй. Фембæлды архайджытæ бафиппайдтой проекты ахсджиагдзинад. Актерты æрыгон фæлтæр æмæ студенттæ хъуамæ хъуыды кæной æмæ зоной Цæгат Ирыстоны театралон аивады бындурæвæрджыты. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ мадзал баст у Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон Ирон академион театры 90 азы юбилеимæ.




