Сæ фылдæры ныридæгæн куыстытæ æххæстгонд æрцыдысты
Национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæм», стæй транспортон инфраструктурæйы райрæзты муниципалон программæмæ гæсгæ Дзæуджыхъæуы ацы аз сцалцæг кæндзысты 45 объекты. Сæ фылдæры ныридæгæн куыстытæ æххæстгонд æрцыдысты. Кæронмæ та фæуыдзысты азы кæронмæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Жажиты Эдуард Байаты Чермены уынджы цæры йæ чысылæй фæстæмæ. Ацы районимæ баст сты æрмæст йæ хъæлдзæг сабибонтæ нæ. Хорз хъуыды кæны, кæлæддзаг доны хæтæлтæ æмæ фæндæгты æвзæр уавæр бынæттон цæрджыты куыд тыхсын кодтой, уый. Ныр уавæр аивта. Фыццаг фарста лыггонд æрцыд. Куыст цæуы дыккагыл дæр. Ацы уынджы фæндаджы цалцæгмæ ам бирæ азты æнхъæлмæ кастысты.
Ацы аз æдæппæтæй национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæм», стæй Дзæуджыхъæуы транспортон инфраструктурæйы райрæзты программæмæ гæсгæ нысангонд æрцыд 45 объекты. 27 дзы ныридæгæн радтой эксплуатацимæ. Дарддæр цалцæг кæнынц горæты 16 хайады. Куыстытæ хъуамæ фæуой ацы аз декабрьмæ.
Цавæрдæр къуылымпыдзинæдтæ куы сæвзæра, уæд сæ хъуамæ аиуварс кæна арæзтадон компани. Гарантимæ гæсгæ, фæндæгтæ хъуамæ æппынкъаддæр балæггад кæной 5 азы.




