филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:27 суббота, 04 мая 2024
26 октября 2022, 11:17
Национ проект «Ахуырад» æхæст кæнгæйæ, царды уадзын райдыдтой сæрмагонд программæ

Уый хистæркъласонтæн æххуыс кæны сæ фидæны дæсныйад равзарынæн

Национ проект «Ахуырад» æхæст кæнгæйæ, царды уадзын райдыдтой сæрмагонд программæ. Уый хистæркъласонтæн æххуыс кæны сæ фидæны дæсныйад равзарынæн. Проект «Билет в будущее» æнтыстджынæй æххæстгонд цæуы Цæгат Ирыстоны дæр. Дæсныйæдты хыгъды фыст сты дæсгай профессийы. Се хсæн кусæг дæсныйæдтæ дæр. Скъоладзаутæ сæхи фæлварынц медицинæйы æмæ педагогикæйы. Фæсивæды курдиат раргом кæны сæрмагонд программæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Сосранты Жаннæ.

Кокойты Геуæрги фидæны фæнд кæны адджинæгтæ аразæг суæвын, стæй ма бæллы хи ресторан байгом кæнынмæ дæр.  Йæ бæллицмæ фæхæстæгдæр уæвынæн ын пайдайаг сты базарадон-экономикон техникумы дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Уый у профориентацион проект «Билет в будущее»-йы практикон фæзтæй иу.  Ам скъоладзаутæ кæныц фыццаг къахдзæфтæ кулинарон аивадмæ.

Проекты архайджытæ  уыдысты республикæйы 34 скъолайы  хистæркълæсонтæ.

Скъоладзаутæ куыд зæгъынц афтæмæй, фидæны дæсныйад æвзарынц ныййарджыты, кæнæ зонгæты амындмæ гæсгæ. Теле-медицинæйы дохтыр, агрокибернетик, виртуалон тыгъдады дизайнер, æдæппæтæй 30 компетенцийы 9 ахуырадон фæзы. Бафиппаинаг у уый, æмæ сывæллæттæ бирæ дæсныйадты тыххæй кæй нæ зонынц, уый. Проекты фæлгæты алы скъоладзау дæр рацæуы сæрмагонд программæйы фæрцы æрфарст. Уый фæстæ радты амындтытæ сабийæн цавæр къабазмæ хуыздæр у хи разилын, уый. Гуырцъыты Данæйæн зын уыд йæ фидæны дæсныйад равзарын. Феххуыс ын тест радтыны программæ. Уый равдыста скъоладзауы зонындзинæдтæ хими æмæ биологийæ.

Ахуыртæ сты лæвар. Практикон къæпхæны райдайæны скъоладзаутæ сæхи бафæлвардзысты  медицинон æмæ  педагогон къабæзты.  Ис дзы кусæг дæсныйæдтæ дæр. Проект аразджытæ фæнд кæнынц дарддæр дæр номхыгъд фылдæр кæнын.

Проекты бацархайын кæй бафæнда, уыдонмæ æнхъæлмæ кæсынц арф иртæстытæ. Алы архайæгæн дар ратдзысты амынддзинæдтæ, арæзт сын æрцæудзæн сæрмагонд ахуырадон пълан фидæны дæсныйады хи бафæлварынæн.  Профориентацион иртæстыты бацархайæн ис ноябры астæумæ.  Иу къуыримæ  практикон ахуыртæ рацыд  600 сывæллоны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania