филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:34 суббота, 04 мая 2024
06 января 2023, 17:09
Национ проект «Культурæ»-йы фæрцы Цæгат Ирыстоны  цалцæггонд æмæ арæзт æрцыдысты Культурæйы хæдзæрттæ

Алы районмæ дæр æххуысы хай фæхæццæ

Национ проект «Культурæ»-йы фæрцы Цæгат Ирыстоны  цалцæггонд æмæ арæзт æрцыдысты Культурæйы хæдзæрттæ. Алы районмæ дæр æххуысы хай фæхæццæ. Сæ ног уавæртыл чи цин кæны, уыдоны хсæн сты  Æрæфы районы Хæзныдоны цæрджытæ. Хъæуы культурæйы хæдзары гæнæнтæ федта Сосранты Жаннæ. Бакæсæм ын йæ сюжетмæ.

Бæллицтæ царды сæ бынат арынц. Хæзныдоны хъæуы сывæллæттæн фæзынд райдзаст уавæртæ сæ арæхстдзинæдтæ æргом кæнынæн. Капиталон цалцæггонд æрцыд  культурæйы артдзæст, уыимæ та хъæуы  Хъамболты Екатеринæйы номыл библиотекæ. Ивд дзы æрцыд алцыдæр – стеллажтæ, стъолта, бандæттæ.

Культурæйы хæдзармæ бакъахдзæф кæнгæйæ адæймаджы уды райгон вæййынц диссаджы ирд æнкъарæнтæ. Бæстыхаййы раздæры уавæртæ чи хъуыды кæны, уыдонмæ абоны гæнæнтæ кæсынц æгæрон. Кафты ансамбль «Хæзныдон»  ам архайы ссадз азæй фылдæр. Алы уавæрты сæ архайд кодтой. Фæлæ бæллæдысты ахæм райдзаст сценæмæ.

Алцæмæй æххæст! Афтæ зæгъæн ис Хæзныдоны культурæйы артдзæстæй. Хъæуы сывæллæттæн ахæм уавæртæ искуы суыдзæн, ам уыцы хъуыдыйыл æууæндгæ дæр нæ кодтой. Ныр дзы кусы цалдæр къорды, се хсæн драмон-театралон æмæ аив дзырды къорттæ.

 Афтæмæй дзы архайд цæуы сывæллæнтты зондахаст фылдæр кæныныл. Тубеты Ибрагим тынг зæрдыуагæй кæны йæ хæрзиуджыты кой. Йæ сфæлдыстадон хъуыдытæ адæмы размæ хæссы пластилинæй сæ аразгæйæ.

Уæдæ  Боташты Фатимæ та сывæллæттæй тынгдæр цин кæны культурæйы хæдзары сын  хицæн къуым кæй фæзынд, ууыл.

 Зæгъын хъæуы  Националон проект «Культур»-æмæ гæсгæ Æрæфы районы цалцæггонд кæй  æрцыд бирæ культурæйы хæдзæрттæ.

Хазнидоны культурæйы хæдзары бæстыхайы арæзт æрцыд 60-æм азты. Уыцы рæстæгмæ йæм кастысты бынæттон амалхъом адæн. Культурæйы хæдзар тынг хъæугæ у хъæуы мидæг, æрмæст фæсивæды сфæлдыстадон райрæзтыл дзы куыст нæ фæцæуы, фæлæ ма дзы арæх æрбамбырд вæййынц Хæзныдоны дзыллæтæ. Æвдыст сын дзы æрцæуы концертон программæтæ æмæ спектакльтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania