филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:02 суббота, 11 мая 2024
20 сентября 2019, 17:05
Национ проекттæ æххæстгæнгæйæ цы объекттæ хъуамæ радтой эксплуатацийы, уыдон цæттæ уыдзысты ацы азы кæронмæ

Уый тыххæй Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы, Рахизфарсы, Кировы æмæ Æрæфы районты кусæг балцы рæстæг.

Национ проекттæ æххæстгæнгæйæ цы объекттæ хъуамæ радтой эксплуатацийы, уыдон цæттæ уыдзысты ацы азы кæронмæ. Уый тыххæй Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы, Рахизфарсы, Кировы æмæ Æрæфы районты кусæг балцы рæстæг. РЦИ-А Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз радон кусæг балцы уыди республикæйы районтыл. Аргъ скодта амæй размæ цы объекттыл æрзылди, уыдоны куыстытæ куыд цæуынц, уымæн. Рейды уыди не сфæлдытадон къорд дæр.

Тускъаты Таймура бынаты æркасти æмæ аргъ скодта арæзтадон фæзтæн, стæй подрядон кусджыты архайдæн. Уыимæ фиппаинæгтæ бахаста куыстыты процессмæ. Ацы хъуыддаджы ахсджиаг у, цæмæй объекттæ цæттæ уой æмгъуыдмæ. Уый тыххæй та хъуамæ заказгæнæг, аразæг æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæ архайой æмзонд æмæ æмдыхæй. Æрмæстдæр уæд уыдзæни зæрдæмæдзæугæ бæрæггæнæнтæ, загъта Тускъаты Таймураз.

Национ проекттæй иу у «Демографи». Рæвдауæндæтты уæлæмхасæн бынæттæ кæнын нæ республикæйы райрæзты къабæзтæй у иу. Павленкойы уынджы рæвдауæндоны ис 8 къорды, Барбашовы рæвдауæндоны та 12. Ацы ахуыргæнæндæттæм ма хъъуамæ бафта уæлæмхасæнтæ бæстыхæйттæ 55 бынатæн.

Республикæйы сæйраг сахары стыр æргом здæхт цæуы Дзæуджыхъæуы 18-æм микрорайоны цы скъола арæзт цæуы, уымæ. У 500 бынатæн. ГОрæты Цæгат-Ныгуылæн хайы цы скъола арæзт цæуы, уым та уыдзæни 1100 бынаты. Конд уыдзæни нырыккон проектмæ гæсгæ, уымæ гæсгæ агъуыстытæ, уæлдайдæр та 500 адæймагæн актон зал уыдзысты цымыдисаг. Фидæны дзы аразæн уыдзæни республикæйы æмвæзады мадзæлттæ дæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ скъолайы залæн республикæйы æмбал нæ уыдзæн.

Национ проекттæ æххæстгонд цæуынц Беслæны дæр. Рæвдауæндæттæм уæлæмхасæн бæстыхæйттæ, Менделеевы уынджы та гом арвы бынмæ ног спортивон-физкультурон комплексы арæзтад. Ахæм куыстытæ цæуынц Джызæлы æмæ Дзæуджыхъæуы дæр. Рахизфарсы районы, Хицауады сæрдар æмæ районы разамонæг бабæрæг кодтой ног фæндаджы иу хай. Ацы объектмæ Ирыстоны цæрджытæ зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсныц. У Мæздæгмæ цыбыр фæндаг.

Кировы районы Кæрдзыны бынæттон скъолайы цур дæр арæзт цæуы 55 бынатæн уæлæмхасæн бæстыхай. Объекты куыстытæ цæуынц домæнтæм гæсгæ, хæрзхъæд аразæн æрмæгæй. Тускъаты Таймураз районы администрацийы сæргълæууæгимæ сргъ скодтой скъолайы спортивон залæн дæр. Елхоты спортивон-дзæбæхгæнæн комплексы цур арæзт æрцыди ног футболон фæз. Ам ма уæрæхгонд цæуынц рæвдауæндæттæ дæр.

Дарддæр бæрнон кусджытæ сæ фæндаг акодтой Сечермæ æмæ Хæзныдонмæ. Куыстытæ дзы цыдысты дысвæлдæхтæй. Кусæг балцы кæронбæттæн бынат та сси Хæзныдонæй гыццыл æддæдæр Цæугæдон Урухы сæрты хиды арæзтад. Дæргъмæ уыдзæни 108 метры, фæтæнмæ та – 11. Тускъаты Таймураз кусæг балцæй баззади разыйæ. Скодта хатдзæгтæ, æмæ бахаста фæндонтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania